Мæгуырдзинады бæрæггæнæнтæ 2030-æм азмæ Цæгат Ирыстоны фæнд кæнынц дыууæ хатты фæкъаддæр кæнын
Мæгуырдзинады бæрæггæнæнтæ 2030-æм азмæ Цæгат Ирыстоны фæнд кæнынц дыууæ хатты фæкъаддæр кæнын. Цæмæй мæгуырты нымæц 14% -æй 7,2%-мæ æрхауа, уый тыххæй арæзт цæудзысты алыхуызон мадзæлттæ. Сæрмагондæй æххæстгонд цæуы, фæцæрынæн æппынкъаддæр мызды бæрцæй йæ æфтиæгтæ ноджы къаддæр кæмæн сты, уыдонæн баххуыс кæныны программæ. Фæллой æмæ социалон рæзты министр Хуыбаты Барисы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы фидаргонд æрцыд, фæцæрыны æппынкъаддæры бæрцæй йæ æфтийæгтæ ныллæгдæр кæмæн сты, уыдоны бæрц къаддæр кæныны программæ. Адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын у программæйы сæйраг хæс. Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй хицауады уæнгтæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады минæвæрттæ хъуыддагыл хъуамæ сахадой æмдыхæй. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны 100 мин адæймаджы нымад сты, йæ къух кæмæн нæ амоны, æмæ фæкæсын кæмæ хъæуы, ахæмтыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мæгуырдзинады бæрæггæнæнтæ 2030-æм азмæ Цæгат Ирыстоны фæнд кæнынц дыууæ хатты фæкъаддæр кæнын
Категория:
Новости и СМИ