Дзæуджыхъæуы æрцахстой цыппар фыдгæнæджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Дзæуджыхъæуы æрцахстой цыппар фыдгæнæджы. Уыдон Сыбырæй ссæуæг дыууæ туристы фæнадтой æмæ ма сын се `хца дæр байстой. Се `наккаг ми ракодтой æхсæвдалынгты. Хабары тыххæй хъусын кæны Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ. Знаггадгæнджытæ уазджыты дзыппытæй ассывтой 72 мин сомы, уæдæ 50 мин сомы аргъ телефонмæ дæр сæ къухтæ нæ фæлæууыдысты. Лæппутæ фæхабар кодтой барадхъахъхъæнджытæм. Уыдон сын сæ ныхæстæм гæсгæ уайтагъд азымджынты къамхуызтæ сарæзтой. Видеоцæстдарды системæйы фæрцы тыхгæнджыты раиртæстой цыбыр рæстæгмæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй сын сæ рохтыл фыццаг хатт не `рхæцыдысты. Дыууæйæн ма дзы раздæр тæрхон кодтой. Пъæлицæйы хайады иууылдæр сæ аххосыл басастысты. Туристтæн сæ телефон барадхъахъхъæнджытæ фæстæмæ радтой, æхцайы фæрæзтæ та знаггадгæнджытæ уæдмæ бахардз кодтой. Слестгæнджытæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг 161-æм статьямæ гæсгæ. Амынд дзы куыд ис, афтæмæй ахæм фыдракæнды тыххæй ахæстоны сбадæн ис 7 азы онг æмгъуыдмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы æрцахстой цыппар фыдгæнæджы

Категория:

Новости и СМИ