1,2 млрд сомы паддзахад рахай кæндзæн Уæрæсейы регионты фæндæгты цалцæг æмæ арæзтадæн
Миллиард 200 милуан сомы паддзахад рахай кæндзæн Уæрæсейы регионты транспортон инфраструктурæйы райрæзтæн. Уый тыххæй бадзырд бафыста хицауады сæрдар Михаил Мишустин. Æхцайы фæрæзтæ райсдзысты 9 регионæн. Уый руаджы цалцæггонд æрцæудзысты, донивылдтытæй чи фехæлд, уыцы фæндæгтæ. Æртæ субъекты арæзт цæудзысты, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм фæндæгтæ. Баххуыс кæндзысты Цæгат Ирыстонæн дæр. Уый фæрцы кæронмæ арæзт æрцæудзæн Дзæуджыхъæу – Лескен-2 фæндаджы уадздзаг. Фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ инфраструктурон объектты рацарæзтæн ацы аз рахай кодтой 130 млрд сомы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv