Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой онлайн-хуызы хъæлæсæ кæныны гæнæнтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

Хъæлæс кæныны иумæйаг бон æппæт Уæрæсейы нысангонд æрцыд - 19 сентябрмæ. Республикæйы цæрджытæ хъуамæ равзарой Паддзахадон Думæйы депутатты, муниципалон скондты æмæ хъæуты сæргълæуджыты. Паддзахадон лæггæдты порталы уый тыххæй бакуыстой сæрмагонд хайыл. Абон системæ сфæлхат кодтой. Чырæ телефоны цалдæр къæпхæнæй баххæст кæнын амындтытæ æмæ схъæлæс кæнын. Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ нæ республикæйы фыццæгты 'хсæн фæлвары онлайн-хуызы хъæлæс кæныны гæнæнтæ. Уый тыххæй та хъæуы æрмæстдæр Паддзахадон лæггæдты порталы курдиат ныууадзын. Схъæлæс кæнынæн хъæуы, цæмæй чырæ телефон Интернетмæ уайтагъд æмæ æнæ къуылымпытæй хиза. Ахæм фадат кæмæн нæй, уый æрбацæуын хъæудзæн центрон æвзарæн къамисы центрмæ. Системæ фæлтæрдзысты 14 майы онг. Кæронбæттæны сбæрæг кæндзысты, регионтæй онлайн хуызы 19 сентябры кæцытæ хъæлæс кæндзысты, уыдон. Республикæйы цæрджытæ равзардзысты Паддзахадон Думæйы депутатты, муниципалон скондты æмæ хъæуты сæргълæуджыты. Пелиты Сабинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой онлайн-хуызы хъæлæсæ кæныны гæнæнтæ

Категория:

Новости и СМИ