Æрыдон æмæ Беслæн электрон тыхæй цы куыстуæттæ ифтонг кæнынц, уыдоны куысты фæдыл æмбырд
Битарты Вячеслав сарæзта æмбырд, Æрыдон æмæ Беслæн электрон тыхæй цы куыстуæттæ ифтонг кæнынц, уыдоны куысты фæдыл. Фембæлды архайдтой республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, æртаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн, тарифты регионалон службæйы разамонæг Къуымæриттаты Алан, Рахизфарс æмæ Беслæны районты разамонджытæ æмæ «Россети Цæгат Кавказ»-ы хайады директор Тæболты Алыксандр. Битарты Вячеслав фæнысан кодта, электрон хызæгты компанитæ æмæ сæ хæдзарадон куысты электрон тыхæй чи пайда кæны, уыцы куыстуæтты 'хсæн куыст хъуамæ арæзт уа бæлвырд фæткмæ гæсгæ. Республикæйы арæзт æрцæудзæн сæрмагонд къамис. Йæ уæнгтæ уыдзысты бынæттон администрацийы специалисттæ, «Россети Цæгат Кавказ»-ы минæвæрттæ, цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады кусджытæ, стæй Беслæн æмæ Æрыдоны электрон хызæгты куыстуæтты специалисттæ. Æрвылмæй къамисы уæнгтæ цæудзысты бынæттæм, кæсдзысты нымайæнты бæрæггæнæнтæм, æмбæлгæ акттæ араздзысты. Битарты Вячеслав бахæс кодта Тамайты Майрæнæн къамисы куыстмæ бæрнон цæстæй кæсын. Йæхæдæг та алы мæй йе ’ргом здахдзæн муниципалон скондты электрон тыхы фиддонтæм. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрыдон æмæ Беслæн электрон тыхæй цы куыстуæттæ ифтонг кæнынц, уыдоны куысты фæдыл æмбырд
Категория:
Новости и СМИ