Зилгæйы цур фæндаггæрон сервис сараздзысты æви нæ, уый хæстæг рæстæг сбæрæг уыдзæн
Дыууæ азы размæ Зилгæйы райдыдтой фæндаггæрон сервис аразын. Фысымуат, хæрæндон æмæ артаджы станцæ. Хуымæтæг хъуыддаг, фæлæ хъæуы цæрджытæ дыууæ къордыл адих сты. Иутæ арæзтадыл разы сты иннæтæ та йæ ныхмæ дзурынц. Объект апарахат цæрæн хæдзæрттæм хæстæг. Ахæм сыхаг се 'ппæты нæ хъæуы. Хъуыддаг суанг тæрхондонмæ бахæццæ. Фыццæгæм уæладзыг æмæ æфсæн бындур. Ахæм у фидæны фæндаггæрон сервисы цæттæдзинад. Куыстытæ райдыдтой дыууæ азы размæ, фæлæ сæ ныртæккæ баурæдтой. Ацы ран уыдзæн фысымуат, хæрæндон. Хъуамæ дзы уа артаджы станцæ дæр, фæлæ йæ саразыны фарстайы къуылымпыдзинæдтæ сæвзæрд. Ардæм цæрæнуæттæ хæстæг сты, æмæ адæм дыууæ дихы фесты. Иутæ разы сты арæзтады æууæлтимæ, иннæтæ цæхгæр ныллæууыдысты, нæ хæдзæрттæм хæстæг нæ артаджы станцæ ницæмæн хъæуы, зæгъгæ. Куыстытæ æххæстгæнджытæ фидарæй дзурынц, фидæны фæндаггæрон сервис æдас кæй уыдзæн, уый. Проектмæ гæсгæ йæ алфамблай аиваздзысты æмбонд. Æртæ азы размæ Рахизфарсы районы администраци арæзтад райдайынæн бар радта, фæлæ уый фæстæ сæ уынаффæ аивтой. Куыстытæ æххæстгæнæг компани курдиат балæвæрдта амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæгмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, проект районы социалон-экономикон райрæзтæн ахъаз уыдзæн. Фыццаджыдæр цæрджыты сифтонг кæндзысты 40 куысты бынатæй. Уæдæ афæдзмæ йе 'фтиæгтæ та æппынкъаддæр - 5 милуан сомы. Афтæмæй бынæттон бюджетмæ æппынæдзух æфтдзæн хъалонты рахынцæнтæ. Фарстайыл амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæг æмæ районы администрацийы сæргълæууæг кусынц иумæ. Администрацийы хъусдард цæуы куыд амалхъомты, афтæ цæрджыты фæндтæм дæр. Уæвгæ, кæрæнбæттæны уынаффæ рахæсдзысты Рахизфарсы районы тæрхондоны. Ныхас æрмæст куысты бынæттыл нæ цæуы, фæлæ хъалонтыл дæр. Фæндаггæрон сервисæй дарддæр амалхъомтæ фæнд кæнынц хъæуы социалон объекттæ сцалцæг кæнын æмæ спортивон фæзтæ саразын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv