Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй РЦИ Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав схъæлæс кодта
Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй Цæгат Ирыстоны байгом сты æвзарæн хайæдтæ. Кусын райдыдтой абон райсомы 8 сахатæй фæстæмæ. Æвзæрстыты бацархайдта Битарты Вячеслав. Республикæйы сæргълæууæг æрбацыд, Дзæуджыхъæуы политехникон техникумы бæстыхайы цы æвзарæн хайад ис, уырдæм. Центрон æвзарæн къамисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ республикæйы сфидар кодтой 322 æвзарæн хайады æмæ 25 рæстæгмæ æвзарæн къамисы. Цæмæй адæм бирæгæйттæй ма æмбырд кæной, уый тыххæй цæрджытæн фадат ис къуырийы дæргъы хъæлæс кæнын. Æвзæрæн хайæдты алы архайæгæн дæр бахизæны барынц йæ буары тæвд, се ’ппæтæн дæр байуарынц хи бахъахъхъæнынæн хъæугæ фæрæзтæ. Алы æвзарæн къамис дæр гом уыдзæн изæры 8 сахатмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй РЦИ Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав схъæлæс кодта
Категория:
Новости и СМИ