Национ проект «Жилье и городская среда»-йы фæлгæты Алагиры районы цалцæг кæнынц æхсæнадон бынæттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Национ проект «Жилье и городская среда»-йы фæлгæты Алагиры районы цалцæг кæнынц æхсæнадон бынæттæ. Транскамы арæзтад æмæ хæххон-æрзæдон промышленносты музейы алфамблай æмæ Фæскомцæдисонты уынджы цы сквер ис, удонмæ ныридæгæн базылдысты. Куыстытæм рахай кодтой фæрæзтæ куды федералон, афтæ республкион бюджетæй дæр, æмткæй райсгæйæ 11 милуан сомы бæрц. Магкæты Аслæнбег Алагиры цæры 1960-йæм азæй нырмæ. Йæ царды фылдæр хай кодта æхсæнадон куыст. Горæты цы аивгæнæн куыстытæ цæуы, уыдон ын сты тынг æхсызгон. Уæлдай райгонд та у, сквермæ кæй базылдысты, уымæй. Арæх æрбацæуы ардæм йæ фæллад суадзынмæ. Алагиры Фæскомцæдисонты уынджы цы сквер ис, уый арæзт æрцыд 1980 азты. Уæдæй абоны онг цалцæггонд никуы уыд. Ныр 5 мæйы дæргъы куыстой æнæрлæугæйæ. Баззадис ма дзы аивгæнæн куыстытæ сæххæст кæнын. Ам садзынц алыхуызон рæсугъд дидинджытæ æмæ къутæртæ. Ацы программæйы фæлгæты ма базылдысты Транскамы арæзтад æмæ хæххон-æрзæдон промышленносты музеймæ дæр. Йæ алыварс ын сæвæрдтой ног бандæттæ, фæндæгтæн баивтой сæ уæлцъар. Уымæй уæлдай ма рухсы цæджындзтæ. Музейы бæстыхæйттæм ныххизæнтæ дæр нывылгонд æрцыдысты. Скодтой дзы асинтæ. Кусджытæн уæлдай æхсызгон у, сценæ дæр цалцæггонд кæй æрцыди, уый. Цалцæггæнæн куыстытæ иуылдæр арæзт цæуынц, цæмæй адæмы зæрдæтæ рухс кæной. Цæрæнуæтты комуналон хæдзарады куыд бафиппайдтой, афтæмæй фидæны дæр архайдзысты æхсæнадон объекттæ цалцæг кæныныл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Национ проект «Жилье и городская среда»-йы фæлгæты Алагиры районы цалцæг кæнынц æхсæнадон бынæттæ

Категория:

Новости и СМИ