Мæздæджы районы фæзындзæн Гуырдзыбеты Бласкæйы музей

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

Мæздæджы районы фæзындзæн Гуырдзыбеты Бласкæйы музей. Дыгуронау чи фыста, уыцы фыццаг поэт æмæ дыгурон литературæйы бындурæвæрæг Гуырдзыбеты Бласкæйы хæдзар цалцæггонд æрцæудзæн æмæ суыдзæн музей. Цæгатирыстойнаг регионалон æхсæнадон организаци «Русь»-ы сæрдар Владимир Писаренко куыд фæнысан кодта, афтæмæй хæдзар æлхæд æрцыд Ново-Осетинская хъæуы бынæттон администрацийы руаджы æмæ ныр ис йæ бæрны. Уый у, Мæздæгкаг станицæйы ма 19-æм æнусæй цы хæдзæрттæ баззад, уыдонæй иу. Лæууы хъæуы бæстастæу, Октябрьскæйы уынджы. Поэт цы хæдзары райгуырд æмæ схъомыл, уымæ базилдзысты цалцæггæнæн куыстыты фæлгæты. Фæлладуадзæн парк дæр срæсугъд кæндзысты æмæ дзы уыдзæн историон фæз цæрджытæн æмæ уазджытæн. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы æххуысæй ацы хæдзар балхæдта администраци. Ныры онг уыд кæйдæр къухты æмæ уыд æнæзылд. Ныртæккæ гæххæттытæ æмбырд кæнынц, цæмæй хæдзар суа культурон исбоны объект. Уый фæстæ та райдайдзæн егъау реконструкци, - фæнысан кодта Владимир Писаренко. Поэт Гуырдзыбеты Бласкæйы уацмыстæй бирæтæ сæфт æрцыдысты репресситы æзты. Баззадысты ма дзы, йæ удæгасæй мыхуыры чи рацыд, уыдон. Уыдысты дыууын поэтикон уацмысæй фылдæр. Гуырдзыбеты Бласкæйæн уыд цыбыр, фæлæ ирд цард, Бласкæ фæмард Японы хæсты 37-аздзыдæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мæздæджы районы фæзындзæн Гуырдзыбеты Бласкæйы музей

Категория:

Новости и СМИ