Цъæйы ацыдысты Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управленийы куысджыты ахуыртæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

33 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

33 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

33 просмотра

5 лет назад

Зымæгон спорты хуызтæ чи уарзы, уыдонæн сæ зæрдæ бахъæлдзæг. Хæхты æруарыд мит æмæ Цъæймæ араст сты. Уый фæдыл Æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджыты куыстыл бафтыд. Сæ цæст дарынц æдасдзинадмæ хохы фахс æмæ рӕтӕнвæндагыл. Ирвæзынгæнджытæ сарæзтой сæрмагонд ахуыртæ. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ, зæйы бын цы чызг фæци, уый цалдæр минутмæ фервæзын кодтой. Фæстиат кæнæн нæй. Ахсджиаг у алы минут дæр. Ирвæзынгæнджытæн æххуыс у датчик-бипер, зæгъгæ. Йæ алыварс гарз саразы электро-магнитон тыгъдад æмæ райсы, зæйы бын адæймаг кæй ис, уый тыххӕй сæрмагонд бæрæггæнæнтæ. Миты бæзн дӕр ӕй нӕ хъыгдары. Ахæм хуызы тагъддæр ссарæн ис адæймаджы. Ам та æрхъуыдыгонд таурæгъмæ гæсгæ, телты цыбыр ныдзæвды аххосæй йæ куыстæй фæкъуылымпы электрон дæлстанцæ. Уыйадыл чызг баззад рæтæнвæндагыл. Æнæнхъæлæджы уавæры æдасӕй уæвын æнцон нæ вæййы. Уымæ гæсгæ ирвæзынгæнджытæ хъуамæ бакæной психологон æххуыс дæр. Уыцы иу рæстæг, сæрмагонд ифтонггæрзты руаджы ирвæзын кæнынц зын уавӕры бахауӕджы. Къахдзоныгътыл бырæн хæххон бынаты ахæм цауы чи бахауы, уый арӕх баййафы цæфтæ дæр. Ахуырты рӕстӕг бакусынц, ахæм уавæры адæймаджы раст куыд райсын æмæ алысын хъæуы, ууыл дæр. Хохæй хизгӕйӕ чызгæн асаст йæ къах. Ирвæзынгæнджæ бакодтой хъæугæ æххуыс. Активон фæлладуадзæн рæстæг, фыццаджыдæр, хъуамæ уа æдас. Уымæ гæсгæ ахæм ахуыртæ аразынц арæх. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ Цъæйы рад хæссынц æдзухдæр. Туристтимæ ныхас кæнынц хæхбæсты æдасдзинадыл, цæмæй адæм фæстæмæ æрмæст хорз æнкъарæнтимæ здæхой. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv