Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон Академион театры ног театралон сезонмæ цæттæ кæнынц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон Академион театры цæттæгæнæн куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Юбилеон, 85-æм театралон сезон байгом кæндзысты рæсугъд æмæ аив спектаклтæй. Æдæппæтæй уыдзысты 8. Сабитæн та равдисдзысты дыууæ аргъауы. Эпидемиологон уавæр хынцгæйæ, аивадуарзджытæ кæрæдзийæ дард баддзысты, уыимæ медицинон маскæты. Ног сезоны агъоммæ Ирон театры разамынд кусы алыхуызон фарстатыл. Театрдзауты `хсæн иу бадæн бынат уыдзæн афтид. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы домæнтæ æххæст кæндзысты. Цалынмæ иу кабинеты цæттæгæнæн мадзæлттыл дзурынц, уæдмæ репетицион залы актертæ цæттæ кæнынц ног спектакль. Виктор Розовы пьесæ «Вечно живи» æнæрайсгæ нæ уыди, зæгъы нæ бæстæйы сгуыхт артист Сабанты Тамерлан. Хæстон темæ, ирон адæмæн у уæлдай ахсджиаг. Ног спектаклы архайдзæн 14 актеры. Алкæмæн дæр йæ роль у ахсджиаг. Актертæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæхи цæттæ кæнынц бæстонæй. 85-æм театралон сезон байгом уыдзæн 10 сентябры. Аивадуарзджыты размæ рахæсдзысты, бирæ рæстæг цы спектакль цæттæ кодтой, уый - Уильям Шекспиры историон пъесæ «Ричард III»-æм. Пандемийы аххосæй йæ равдисын нæ бантыст. Ныридæгæн спектакль у цæттæ. Цæмæй спектакль театры сценæйыл æвдыст æрцæуа, уый тыххæй бæстонæй кусынц. Зæгъæм, «Ричард III»-мæ цæттæгæнæн мадзæлттæ цыдысты алыхуызон цехты. Спектаклæн сарæзтой сæрмагонд макет. Лæмбынæг æркастысты алы лыстæг хъуыддагмæ дæр. Стыр куыст ма цыд костюмтæ хуыйæн цехы дæр. Алы хъайтарæн дæр ацы агъуысты цæттæ кæнынц йæхи костюм. Персаты Моникæ ирон театры кусы 30 азæй фылдæр. куыд зæгъы, афтæмæй театр у йæ дыккаг хæдзар. Ахуыр у актертыл. Костюмтæ хуыйын æм зын æппындæр нæ кæсы. Ног театралон сезон цæмæй фæхъæздыгдæр уыдзæн, уый тыххæй нын радзырдта театры литератрон хайады разамонæг Хетæгкаты Оксанæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, юбилеон сезон уыдзæн тынг цымыдисаг æмæ театрдзаутæн зæрдæмæдзæугæ. Ног сезон цымыдисаг кæй уыдзæн, уый бæлвырд у. Сабитæн ма æвæрд æрцæудзæн 2 ног аргъауы. Бæркадджын аз кæй рауайдзæн ууыл актертæ дызæрдыг нæ кæнынц. Адæмы зæрдæтæ раздæрау рухс кæй кæндзысты, æмæ цымыдисаг равдыстытæм кæй цæудзысты, уымæ æнхъæлмæ кæсы алчидæр. Иу дзырдæй, ног сезон театрдзаутæ арвитдзысты рæсугъд æмæ хъæлдзæгæй. Пелиты Сабинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон Академион театры ног театралон сезонмæ цæттæ кæнынц

Категория:

Новости и СМИ