Сергей Меняйло Уæрæсейы ахуырадмæ цæстдарды управленийы кусджытимæ æрныхас кодта ИПФ-ы дæттыныл
Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ Цæгат Ирыстон хорз цæттæгонд у. Уый фæнысан кодтой ахуырад æмæ наукæмæ цæстдарды федералон службæйы. Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы ахуырадмæ цæстдарды управленийы разамонæджы хæдивæг Борис Чернышовимæ. Æмбырды рæстæг æрдзырдтой цæрджытимæ информацион æмæ психологон куыстыл. Скъолайы рауагъдонтæ æмæ ныййарджытимæ æмбарынгæнæн куыст кæныныл. Уыимæ ма фæлварæнмæ техникон цæттæдзинады тыххæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ног коронавирусы инфекци кæй апарахат, уымæ гæсгæ ивгъуыд аз фæлварæны рæстæг бæстонæй æххæстгонд цыдысты Уææсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы амынддзинæдтæ. Ацы аз дæр санитарон домæнтæм карз цæстдард цæудзæн. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй республикæйы разамынд цæттæ у Уæрæсейы ахуырадмæ цæстдарды управлениимæ æмгуыст кæнынмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сергей Меняйло Уæрæсейы ахуырадмæ цæстдарды управленийы кусджытимæ æрныхас кодта ИПФ-ы дæттыныл
Категория:
Новости и СМИ