Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц Донорты национ бон
Дæхицæй йæ ратон æмæ кæй хъæуы, уымæн æй ратт. Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц туджы доноры национ бон. Æрвылаз туг бахъæуы милуанæй фылдæр адæмы. Афтæмæй æххуыс агурæг хæрзгæнæджы ссары. Чидæр туг дæтты фыццаг хатт. Чидæр та хæссы кадджын доноры ном. Се 'ппæты дæр бæтты иу хъуыддаг – адæймаджы цард бахъахъхъæнын. Фæзминаг адæмы тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Тамила Юсупова куыд иннæ хæттыты, афтæ абон дæр тагъд кæны тугдæттыны станцæмæ. Доноры национ боны сылгоймаг туг ратдта 13 хатт. Медицинон академийы ма куы ахуыр кодта уæд æй бæлвырд бамбæрста рынчындæтты туг кæй нæ фаг кæны, уый. Уæдæй-абонмæ, ныр цыппар азы туг ратты. Туг раттыны фæстæ адæймаджы æнæниздзинад фæхъæддыхдæр вæййы. Хорзы 'рдæм сахады адæймагыл. Процедурæйы руаджы хи ис бахизæн бирæ низтæй. Суанг ма зæрдæйы æмæ дадзинты рынтæ дæр фæкъаддæр вæййынц. Фæлæ рох кæнын нæ хъæуы, доноры сæйраг хæс рынчынæн баххуыс кæнын кæй у, уый. Донорты станцæтæ тугцух не сты. Сæ фæрцы æвзæр низæй рынчынтæ, уыдонимæ сæ буар сыгъдтытæ кæмæн баййæфта, цæфтæ æмæ фæсопераци чи у, уыдон айсынц æмбæлгæ æххуыс. Зæгъæн ис æмæ сын æвдадзы хос фесты. Абон 50 адæймагæй фылдæр систы донортæ. Уый та ууыл дзурæг у æмæ ныр кæйдæр цард сæ руаджы хъахъхъæд æрцæудзæн. Бæрæгбоны фæлгæты сбæрæг кадджын доноры ном дæр. Раттой йæ Беслæны 11-æм зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайы разамонæг Бедойты Эльбрусæн. Уый ныр фондз азы дæргъы 46 хатты радта йæ туг. Æмтгæй райсгæйæ 20 литры. Фыццаг хатт тугисыны центрмæ æрбацыд студент ма куы уыд, уæд. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад, тугисыны службæ æмæ змæлд «Бархион-медиктæ» æмгуыстгæгæйæ æппынæдзух саразынц алыхуызон мадзæлттæ цæмæй нæ республикæйы цæрджыты 'хсæн ацы архайд парахатдæр кæна. Уымæн æмæ у ахсджиаг. Ахæм акцитæ стыр æххуыс уыдысты коронавирусы хæцгæ низæй рынчын чи уыд, уыдонæн. Доноры национ бон Уæрæсейы бæрæг кæнынц 2007 азы 20 апрелæй. Ацы бон 18 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыдонæн сæ бон у донор суæвын. Уый тыххæй сæ хъæуы республикон тугисыны станцæмæ бацæуын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц Донорты национ бон
Категория:
Новости и СМИ