Мæргъиты бинонтæ агуырынц æххуыс

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

13 просмотров

6 лет назад

Мæргъиты бинонтæ агуырынц æххуыс. Ныртæккæ цæрынц, бирæуæладзыгон хæдзары цы фатер баххуырстой, уым. Фæлæ йæ хъæуы хæстæгдæр рæстæг суæгъд кæнын. Кæдæм ацæуой мад æмæ фырт, уый сын нæй. Сты зын уавæры. Махæн нæ уацхæссæг бабæрæг кодта бинонты. Мæргъиты Мери йæ фыртимæ Беслæныхъæуы цæры 14 азæй фылдæр. Бирæуæладзыгон хæдзары фатер хаццоны исынц. Cæ бон хæдзар балхæнын нæу. Уымæй уæлдай ма сылгоймагæн дæр æмæ йæ фыртæн дæр се ’нæниздзинад хъыгдæрд у. Æлхæнынц зынаргъ хостæ. Раздæр ацы бинонтæ цардысты Заводы поселоччы. Мери цард йæ цæгаты, фæлæ бинонтæ бирæйæ кæй уыдысты, уый тыххæй йæ бахъуыди сыстын æмæ хицæн фатер баххуырсын. Царды зындзинæдты сæрты хизгæйæ, сылгоймаг архайдта, цæмæй йæ фыртæн алцыдæр уа. Фæлæ уымæн дæр йе ’нæниздзинад бынтон хорз нæу. Мерийæн ма раздæр æххуыс кодта йæ хо. Фæлæ уый йæ цардæй куы ахицæн, уæд сылгоймаг бынтондæр заууат уавæрмæ ’рцыд. Йæ пенси у 8 мин сомы. Фæлæ йын уый дæр нал фаг кæны. Уымæн æмæ фатеры хаццоны аргъ фылдæрæй-фылдæр кæны. Мери нын куыд радзырдта, афтæмæй ныр агурынц ног хæдзар. Фæлæ Беслæныхъæуы асламдæр аргъæй фатер кæм баххуырса, уый нæ зоны. Хъæуы цæрыныл дæр разы у. Ацы фарстайы фæдыл ацыдыстæм Беслæныхъæуы бынæттон администрацимæ. Куыд нын бамбарын кодтой, афтæмæй Мери иу æмæ дыууæ хатты нæ бацыд уырдæм дæр. Бинонтæ хъуамæ августы кæронмæ суæгъд кæной цы фатер æххуырсынц, уый. Сæ дзаумæттæ дæр сабыргай æмбырд кæнын райдыдтой. Фæлæ кæдæм ацæудзысты, уый бæрæг нæу. Къутæрты Аидæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мæргъиты бинонтæ агуырынц æххуыс

Категория:

Новости и СМИ