Дзæуджыхъæуы епархи Æнæнхъæлæджы цауты министрад сарæзтой хæрзаудæн акци
Хъæугæ æххуыс. Арвы комы фæндагыл сæмбырд бирæ хæдтулгæтæ. Фæндаггонтæ æнхъæлмæ кæсынц фæндаджы байгоммæ. Уыдонæй уæлдай ма контролон-уадзæн пунктмæ рады лæууынц хуымæтæг адæм дæр æнæхъæн бинонтæй. Дзæуджыхъæуы епархи сын республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрадимæ иумæ бынатмæ аластой хъарм хæринаг. Ильинаг аргъуаны хæринаггæнджытæ зæрдиагæй цæттæ кæнынц сихоры хæрд. Хъуамæ дзы саходой боныхъæды аххосæй Арвы комы фæндагыл чи баззад, уыцы адæм. Се, хсæн сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ. Сæ зæрдæтæ сын балхæндзысты хъæрмхуыпп, адджын гуылтæ æмæ цайæ. Ацы акци Дзæуджыхъæккаг епархийæн фыццаг нæу. Бацæттæ йæ кодтой Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттимæ. Дины лæгтæ самал кодтой сауфагæ, дзидза, цай æмæ сæкæр. Сурен Жамкочян Краснодарæй у. Къуырийæ фылдæр баззад фæндагыл. Куыд зæгъы, афтæмæй кæд адæмы уавæр сæ хæрзтæй нæу, уæддæр сын ахæм хуызы æрхъуыды æхсызгон у. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм уавæр сæвзæрд Гуырдзыстоны 'рдыгæй зæйтæ рацæуынй тас кæй у, уый аххосæй. Ирыстоны дæр боныхъæд хорз нæу. Уары мит, кæны дымгæ. Аххæм æххуыс бæлцæттæн æнæмæнг хъæугæ у. Æрмæст дыууæ боны æмгъуыдмæ хъарм хæрианг райстой 240 адæймагæй фылдæр. Боныхъæд кæд фæивдзæн, уый бæрæг нæу. Йæ уацары чи бахауд, уыцы адæмæн фæндæгтыл дарддæр æххуыс кæндзысты. Уазиты Зæлинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv