Цæгат Ирыстоны фæдзæхст бынат Уæрæсейы хъæддаг æрдзы Фондæй райста радон грант
Цæгат Ирыстоны фæдзæхст бынат Уæрæсейы хъæддаг æрдзы Фондæй райста радон грант. Æхцайы фæрæзтæ рахай кодтой республикæйы хъæддаг галтæ бахъахъхъæнынæн. Ныридæгæн уал æлхæд æрцыд квадрокоптер æмæ, сырдты къамтæ чи исы, ахæм 10 кусæнгарзы. Æрдзы æппæтдунеон Фондæй ахæм æххуыс фыццаг нæу. Æххуыс кæнынц дыууæ хъуыддагæн: зубрты, кæнæ хъæддаг галты нымæц Цæгат Ирыстоны бахъахъхъæнынӕн æмæ азиаг леопардты хуыз сæндидзынӕн. Уыцы куыст цæуы æгас Цæгат Кавказы дæр. Зубрты популяци фæфылдæр кæнынæн Фонды æхцатæй 7 азмæ æлхæд æрцыд дыууæ хæдтулгæйы. НыртӕккӕЦæгат Ирыстоны фæдзæхст бынаты ис 120 зубры. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны фæдзæхст бынат Уæрæсейы хъæддаг æрдзы Фондæй райста радон грант
Категория:
Новости и СМИ