Коронавирусæй рынчынтыл суткæмæ бафтыд 73 адæймаджы
Коронавирусæй рынчынтыл Цæгат Ирыстоны бафтыд 73 адæймаджы. Æдæппæтæй сæ нымæц у 8 536. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы дзæбæхгæнæндæтты ис 1 303 адæймаджы. Уыдонæй Тагъд Æххуысы Клиникон Рынчындоны 613, COVID-мæ 122-йæ, реанимацийы 56 адæймаджы, аппаратты фæрцы улæфынц 9-æй. Республикон Клиникон Рынчындоны ныртæккæ ис 629 адæймаджы. Коронавирус дзы ис 177-мæ. Реанимацийы хайады 63 рынчыны. Аппараты фæрцы улæфынц 16-æй. Сывæллæтты Республикон Клиникон рынчындоны та 31 сывæллон æмæ 12 хистæр кары адæймаджы. 21 сывæллон æмæ 10 хистæрмæ рабæрæг кодтой коронавирус. Рахизфарсы районы дзæбæхгæнæндоны ис 18 адæймаджы. Тæссаг низ дзы рабæрæг 9-мæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Коронавирусæй рынчынтыл суткæмæ бафтыд 73 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ