Ног хъармдæттæг куыстуат фæзындзæн Цæгат Ирыстоны
Ног хъармдæттæг куыстуат фæзындзæн Цæгат Ирыстоны. Йæ райрæзты пъланыл республикæйы разамынд æрдзырдта «Газпром межрегионгаз»-ы компаниимæ. Видеоконференцийы архайдтой хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег æмæ генералон директоры хæдивæг Вячеслав Бузин. Куыстуаты куы снысан кæной, уæд йæ бæрны уыдзæн Дзæуджыхъæуы хъармдæттæг комплекс. Хъуыддаджы сæйраг нысан - горæты цæрджытæм æнæкъуылымпыйæ хъарм æмæ дон хæццæ кæнын. Æмбырды ма æрдзырдтой инвентаризицийы системæ æмæ Дзæуджыхъæуы хъармдæттæн схемæйыл. Иу ахсджиаг фарста ма у ног куыстуаты тарифтæ. Хъуамæ уой адæмæн æнцонфидæн, фæлæ куыстуатæн зиан ма ’рхæссой. Вячеслав Бузины ныхæстæм гæсгæ ахæм мадзæлттæ хорз фадат дæттынц Дзæуджыхъæуы хъармдæттæн къабазы райрæзтæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ног хъармдæттæг куыстуат фæзындзæн Цæгат Ирыстоны
Категория:
Новости и СМИ