Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой ирон адæмы кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Хетæджы бон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

Æгас Ирыстон сбæрæг кодта æппæты кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Хетæджы дзуары бæрæгбон. Хетæджы къохмæ нæ республикæйы алы районтæй æрбамбырд дуне адæм. Суанг ма Хуссар Ирыстонæй дæр. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Хетæджы къох у, æртындæс гектарыл чи апарахат ахæм тымбыл хъæд. Æрвылаз, ам вæййы ирон адæмы иумæйаг куывд – Хетæджы бон. Ацы бæрæгбон кадджын у, уымæн æмæ йæ фарнæй бæтты Ирыстоны адæмы кæрæдзиуыл. Иумæ йæм кувынц æмæ Хетæджы дзуары ном арынц. Адæмы хъуыдымæ гæсгæ, кæддæр Хетæгæн цы бæлæстæ баххуыс кодтой, уыдоныл аныдзæвгæйæ, банкъарæн ис удæнцойдзинад æмæ уæларвон тых.Таурæгъмæ гæсгæ, ацы æнусон бæлæстæ рагзаманты бамбæхстой Хетæджы йе знæгтæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæ зæдбадæн ранмæ кувынмæ цыдысты æрмæст нæлгоймæгтæ. Хæсты рæстæг уавæр аивта, уымæн æмæ сабырдзинадæн чи скуывтаид, уый дæр нал уыд. Уыцы хæс сæхимæ райстой сылгоймæгтæ. Дзуары бынатмæ сылгоймæгтæ хъуамæ цæуой куыд æмбæлы афтæ, æгъдаумæ гæсгæ. Æнæмæнг сæрбæттæнты. Хетæджы къохмæ цыфæнды бон дæр цæуын хъæуы сыгъдæгзæрдæйæ. Кувинæгтæн сæ фылдæр хай æмбæлы фæстæмæ хæдзармæ æрбахæссын. Цæмæй дзы бинонтæ иууылдæр саходой. Коронавирусы инфекци кæй апарахат, уымæ гæсгæ ацы аз дæр та ирхæфсæн мадзæлттæ нæ сарæзтой. Ацы кадджын бæрæгбонмæ бацæуын йæ хæсыл банымадта нæ Республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Кувæн бынаты уыд Хуссар Ирыстоны делегаци дæр, сæ сæргъы президент Бибылты Анатолий, афтæмæй. Кæсаг, карк æмæ æнæзæгъинаджы фыд фынгыл æвæрæн нæй. Уæвгæ, уый хауы æппæт стыр ирон бæрæгбæттæм: Уацилла, Джеоргуыба æмæ Реком. Хетæджы Уастырджыйæ адæм курынц, кæддæр Хетæгæн бахъуаджы сахат цы æххуыс бакодта, ахæм æххуыс. Æтæ чирийæ скувын ацы бон йæ хæсыл банымадта алы ирон адæймаг дæр, кæмфæнды куы цæра, уæддæр. Рагæй-нырмæ дæр Хетæджы Дзуары бон ирон адæмæн уæлдай уарзон бæрæгбон уыд. Уæвгæ, канд Ирыстоны нæ, фæлæ ирон адæймаг кæмдæриддæр цæры, уым-иу алы ран дæр скуывтой æртыгай чъиритæй. Куырдтой Хуыцауæй сабырдзинад æмæ фæрнджын цард. Афтæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ, хистæрæй-кæстæрмæ, нæ рагфыдæлты ’гъдæуттæ абон дæр æххæст кæнынц сæ байзæттæгтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv