Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы дарддæр æххæст кæнынц проект «Городская среда»
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы дарддæр æххæст кæнынц «Городская среда», зæгъгæ, проект. Программæйы райрæзтыл кусынц фæндзæм аз. Йæ сæйраг нысан - республикæйы бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ æмæ æхсæнадон бынæттæ саив кæнын. Дзæуджыхъæуы Московская уынджы Дзæуджыхъæуы депутатты æмбырды минæвæрттæ æмæ бынæттон цæрджытæ ныссагътой 25 тулдз æмæ 15 та сусхъæд бæлæсты талатæ. Æххуысмæ ма фæсидтысты 36-æм скъолайы ахуырдзаутæм дæр. 2021 азы кæронмæ проект «Городская среда»-йы фæлгæты Цæгат Ирыстоны фæнд кæны саив кæнын 42 æхсæнадон бынаты æмæ 88 хæдзары кæрты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы дарддæр æххæст кæнынц проект «Городская среда»
Категория:
Новости и СМИ