Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ технологиты фестиваль
Дзæуджыхъæуы кæронмæ 'рхæццæ Национ технологион хъæппæристы къорды фестиваль. Дыууæ къуырийы дæргъы йæ архайджытæн сæ бон уыд дрон суадзын, 3D-проекттæ аразын, стæй архитектор, дохтыр, фермер æмæ электрикы дæсныйæдты хи бафæлварын. Фæсивæдæн арфæйы ныхæстæ ракодта республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Куыд загъта, афтæмæй фестиваль у бирæвæрсыг, алкæй бон дæр дзы сси зæрдæмæдзæугæ архайд равзарын. Проект аххæссыд скъоладзаутыл, студенттыл æмæ хистæр кары минæвæрттыл. Дзуапдæттæг министр фæнысан кодта, Цæгат Ирыстонæн уæлæмхасæн ахуырады программæты архайын ахсджиаг кæй у, уый дæр. Курдиатджын фæсивæдæн баххуыс кæнын æмæ сын сæ интеллектуалон гæнæнтæ раргом кæныны фадат ис Уæрæсейы алы регионы дæр. Уый тыххæй хъæуы æрмæст курдиат бадæттын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv