Цæгат Ирыстоны сцалцæг кодтой федералон фæндæгты 64 км, уый фæрцы фæндаггон æдасдзинад фæхуыздæр
Цæгат Ирыстоны сцалцæг кодтой федералон фæндæгты 64 км. Уыдонæй 23 км базылдысты Транскамы фæндагмæ, уыимæ 4 таджы онг фæфылдæр Беслæнæй Черменыхъæумæ фæндаджы уадздзаг. Фæндаггæрæтты 16 километры дæргъы фæзынд сæрмагонд бырутæ. Тæмискъæй Мызурмæ фæндагмæ дæр базылдысты. Фæндаджы уæрх рауад 14 метры. Йæ уæлцъар фидаргонд æрцыд сæрмагонд æрмæджытæй, тæссаг дзы нæу уæззау дуртæ хауынæй æмæ ламидæттæй. Къæдзæхы рæбын къултæ дæр ныффидар кодтой æфсæн хызæгтæй. Дæллаг Уынал, Зынцъар æмæ Мызуры магистралы сæвæрдтой ног рухсгæнæн цæджындзтæ, тротуартæ æмæ æхсæнадон транспорты æрлæууæнтæм бæстонæй базылдысты. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, фæндаггон фыдбылызты æдасдзинад 11 мæймæ фæхуыздæр 27%. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны сцалцæг кодтой федералон фæндæгты 64 км, уый фæрцы фæндаггон æдасдзинад фæхуыздæр
Категория:
Новости и СМИ