Дзæуджыхъæу цæттæ у хъармгæнæн рæстæгмæ
Дзæуджыхъæу цæттæ у хъармгæнæн рæстæгмæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой профилон куыстуатæй. Республикæйы ныридæгæн цæттæ сты 42 тæвддæттæн пункты. Баивтой дзы, чи нал бæззыд, ахæм 9 тæвдгæнæн аджы, 8 агмæ та бæстон базылдысты. Уымæй уæлдай ма, тæвдгæнæн агтæ кæм вæййынц, уыдон дæр ног домæнтæм гæсгæ сцалцæг кодтой. Ныр, специалисттæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй хъармгæнæн сезоны рæйдиан бæлвырд нæма у. Чи зоны, æмæ скусдзысты октябры кæрон. Боныхъæд куыд уа, уымæ гæсгæ. Фæткмæ гæсгæ, уæлдæфы температурæ 8 градусæй къаддæр куы вæййы, уæд хæдзæрттæ тавын райдайынц. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæу цæттæ у хъармгæнæн рæстæгмæ
Категория:
Новости и СМИ