Æфсæддон пъæлицæйы ахуырадон центры райдыдтой ерыстæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

Æфсæддон пъæлицæйы ахуырадон центры райдыдта, нæ республикæйы фæсивæдæй нырма æфсады чи нæ уыд, уыдоны 'хсæн спартакиадæ. Спортивон ерыстæ арæзт сты Ахуырад æмæ наукæйы министрады руаджы æмæ æххæстгонд цæуынц æрвылаз. Ерысты архайынц скъолатӕ, астæуккаг-сæрмагонд ахуыргæнæндæттӕ, ӕмӕ æфсæддон-спортивон клубты ахуырдзаутæ, патриотон хъомылады центрыты сывæллæттæ æмæ, 14 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, уыдон. Спартакиадæйы сæйраг нысæнттæ сты фæсивæды физикон цӕттӕдзинадыл бакусын, фæхуыздæр сын кæнын сæ техникон арӕхстдзинад æфсадмæ ацæуыны размæ. Дыккаг къæпхæны æрыгон æфсæддонтæ ерыс кæнынц, æвдисынц сæ æфсæддон зонындзинӕдтӕ. Архайджытæ хъуамӕ равдисой, куыд ӕмӕ цас хорз арӕхсынц турникыл. Чи дарддӕрӕй ӕхсдзысты гранатæ, лидздзысты алыхуызон дистанцæтыл. Командæты 'хсæн чи фæуæлахиз уа, уый бацархайдзӕн ерысты æртыккаг къæпхæны Есентукийы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æфсæддон пъæлицæйы ахуырадон центры райдыдтой ерыстæ

Категория:

Новости и СМИ