Ахæм хабæрттæ // 2020 / 3 сентября
Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ Мысæн Вахтæ. 2004-æм азы сентябры Беслæны фыццæгæм скъолайы амæттæгты нæмттæ ссарынмæ æрбацыдысты сæ хиуæттæ, Беслæны цæрджытæ, хицауады уæнгтæ. Автомобилон тъунел «Мамысон»-ы рацарæзтæн Цæгат Ирыстон райсдзæн æхцайы фæрæзты фыццаг хай. Уый тыххæй сæрмагонд гæххæт бафыста премьер Михаил Мишустин. Арæзтад æххæст кæнынц сæрмагонд паддзахадон программæмæ гæсгæ. Райдиан кълæсты ахуырдзаутæн цы сихоры хæрд дæтдзысты уый хæрхъæддзинадмæ сæ цæст дардзысты Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ. Снысан кодтой сæрмагонд телефоны номыр. Ахæм комкоммæ бастдзинады фæрцы æнцондæр уыдзæн базонын уавæр регионты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ // 2020 / 3 сентября
Категория:
Новости и СМИ