«Туризмы райрæзт»-ы паддзахадон программæйы архайд райдыдта Уæрæсейы
«Туризмы райрæзт»-ы паддзахадон программæйы архайд райдыдта Уæрæсейы. Ахæсдзæн 2030-æм азмæ. Сфидар æй кодта бæстæйы хицауады сæрдар Михаил Мишустин. 2024-æм азмæ программæйы райрæзтæн рахай кæндзысты 724 млрд сомы. Йæ фæлгæты æххæстгонд цæудзæн 3 сæрмагонд проекты – «Туристон инфраструктурæйы райрæзт», «Туристон продукттæй æнцонæй пайда кæныны фæткы æмвæзад» æмæ «Туризмы къабазы разамынды ногдзинæдтæ». Уæвгæ, туризмы къабазы райрæзт у бæстæйы сæйраг хæстæй иу, фæнасын кодта Михаил Мишустин. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv