Дзæуджыхъæуы национ музейы кадджын мадзалы схорзæх кодтой конкурсы лауреатты
Дзæуджыхъæуы национ музейы кадджын мадзалы схорзæх кодтой «Ирон авзаг- на фидан» конкурсы лауреатты. Аив кæсджыты конкурс райдыдта февралы кæрон. Онлайн хуызы дзы бацархайдтой скъоладзаутæ, рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ æмæ канд уыдон нæ. Æдæппæтæй 40 адæймаджы куыд Цæгатæй, афтæ Хуссар Ирыстонæй дæр. Сахуыр кодтой æмæ радзырдтой ирон классикты уацмыстæ. Æркаст аразджытæ уыдысы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет æмæ фæсивдон парламент. Литературон мадзалы сæйраг нысан - ирон æвзагмæ уарзондзинад фæсивæды зæрдæты бауадзын. Нæ республикæйы ацы æркаст ацыд фыццаг хатт.Фæлæ йæ фæнд кæнынц аразын æрвылаз. Уæлахиздзаутæн бацæттæ кодтой дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ, уымæй æулдай ма сын бацæттæ кодтой концертон программæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы национ музейы кадджын мадзалы схорзæх кодтой конкурсы лауреатты
Категория:
Новости и СМИ