Парти «Иугонд Уæрæсе» дарддæр æххæст кæны проект «Городская среда»
Парти «Иугонд Уæрæсе» дарддæр æххæст кæны проект «Городская среда». Йæ фæлгæты республикæйы аив кæнынц бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ æмæ æхсæнадон бынæттæ. Партийы депутаттæ фембæлдысты Темыраты æфсымæрты номыл уынджы 68 хæдзары. Уым æрæджы байтыдтой ног асфальт æмæ баивтой хæдзары сæр. Цалцæггæнæн куыстытæ дарддæр дæр цæудзысты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, проектмæ гæсгæ афæдзы кæронмæ Цæгат Ирыстоны банывыл кæндзысты 90 бирæуæладзыгон хæдзары кæрты. Уырдæм хауы асфальт æмæ къæйдуртæ баивын, уыимæ рухсгæнæн системæ æмæ ног бандæттæ сæвæрын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Парти «Иугонд Уæрæсе» дарддæр æххæст кæны проект «Городская среда»
Категория:
Новости и СМИ