Цæгат Ирыстоны ацæудзæн онлайн-конкурс «Мадæлон æвзаг – мадау адджын»
Сывæллæтты ирон æвзаг æмæ культурæмæ æмхиц кæнын, се сфæлдыстадон миниуджытæ рæзын кæнын æмæ сын сæ курдиат раргом кæнын. Ацы хæсимæ арæзт æрцыд аив кæсыны онлайн-конкурс «Мадæлон æвзаг – мадау адджын». Баст у ирон æвзаг æмæ литературæйы бонимæ. Бацархайын дзы сæ бон у куыд скъоладзаутæн, афтæ рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæн. Уый тыххæй хъæуы ирон æвзагыл æмдзæвгæ бакæсын, видео та 14 маймæ социалон хызæг «Инстаграм»-ы сæрмагонд хэштегимæ равæрын. Фæнысан дзы кæнын хъæуы нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрад дæр. Конкурсы уыдзæн дыууæ номинацийы: хи сфæлдыстадон уацмыс æмæ æмдзæвгæйы аив бакаст. Уæлахиздзауты сбæрæг кæндзысты 15 майы. Хуыздæрты схорзæхджын кæндзысты кады гæххæттытæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны ацæудзæн онлайн-конкурс «Мадæлон æвзаг – мадау адджын»
Категория:
Новости и СМИ