Дзæуджыхъæуы райдыдта турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Абон Дзæуджыхъæуы райдыдта Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Архайынц дзы 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсментæ нæ бæстæйы 46 регионæй. Ерыстæ цæудзысты 29 мартъимæ. Гауызыл лæппутæ сæ тыхтæ фæлварынц 11 уæзы. Гауызыл тохы бацыдысты æрыгон спортсментæ. Дыууæйæ дæр архайынц тыхджындæр разыныныл. Уæлахизмæ фæндагыл сын æххуыс сты сæ хъару, техникæ æмæ тагъдад. Уыдоны руаджы сбæрæг вæйы хуыздæр богал. Уæрæсейы ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй æрбангом кодтой нæ бæстæйы 46 регионæй спорстменты. 500 лæппу йæ фылдæр æвдисынц сæ арæхстдзинад. Ахæм егъау ерысты рæстæг сæ фæлтæрддзинад зынгæ фæфылдæр вæййы. Ерысты рæстæг спорстментæм сæ цæст дарынц тренертæ. Æххуыс сын кæнынц ныхасæй дæр. Рæдтытæй сæ хъахъхъæнынц, архайынц сæ уæлахизмæ фæхæстæгдæр кæнын. Чемпионаты архайынц 18 азы онг лæппутæ 11 уæзы. Сæ арæхстдзинадæн сын аргъ кæнынц тæрхонгæнджытæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй ацы кары ерыстæ уæлдай цымыдисаг ацæуынц. 43 цæгатирыстойнаг спорстмены архайынц ерысты. Сæ фылдæр сты уæззау уæзы. Чемпионатмæ сæхи бæстонæй цæттæ кодтой. Уæдæ сæ ныфсытæ дæр баст сты уæлахизимæ. Уæрæсейы ерыстæ ахæсдзысты 29 мартъимæ. Алы бон дæр хатдзæгтæ æмæ уæлахиздзауты бæрæг кæндзысты. Хуыздæртæ уыдзысты Уæрæсейы иугонд командæйы Европæйы ерысты уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ацæудзысты июны Болгарийы. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы райдыдта турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй

Категория:

Новости и СМИ