Тускъаты Таймураз фембæлд сарæзта республикæйы министрады æмæ Мæздæджы районы сæргълæууæгимæ
Тускъаты Таймураз кусæг фембæлд сарæзта республикæйы экономикон райрæзты министр Томайты Хъазыбег, промышленность æмæ транспорты министр Мæрзойты Владимир æмæ Мæздæджы районы администрацийы сæргълæууæг Олег Яровойимæ. Ныхас кодтой республикæйы социалон-экономикон райрæзты фарстатыл, пандемийæйы рæстæг ведомствæты куыстыл. Дзæбæхгæнæндæтты кусджыты ногæй ласын райдайдзысты сӕ куыстмӕ. Сæрмагонд бадзырд транспортон организаци бафыста медицинон уагдæттимæ. Республикæйы рог промышленносты куыстуæттимæ сбæлвырд кодтой медицинон маскæтæ æмæ костюмтæ хуыйыны куыст. Мæрзойты Владимир куыд бафиппайдта, афтæмæй ныртæккæ республикæ медицинон маскæтæй цух не 'ййафы. Куыстуæттæ цæттæ сты ногæй маскæтæ хуыйынмæ. Кæд пандемийæйы рæстæг экономикæйы зындзинӕдтӕ сæвзæрд, уæддæр Цæгат Ирыстоны ацы азы райдианæй сырæзт промышленон кондады индекс. Æмбырды архайджытæ ма æрдзырдтой, республикæйы цы национ проекттыл кусынц, уыдоныл. Сæ фæлгæты республикæйы аразынц æмæ цалцæг кæнынц бирӕ объектӕ. Томайты Хъазыбег куыд радзырдта, афтæмæй ацы аз национ проектты райрæзтæн фæрæзтæ схардз кодтой 80% онг. Уый, фаронимæ абаргæйæ, фылдæр у. Мæздæджы районы райрæзты тыххæй радзырдта Олег Яровой. Ацы аз районы фæзындзæн 16 фелсырон-акушерон пункты. Уыдоны руаджы хъæуты медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинад фæбæрзонддæр уыдзæн. Æнхъæлмæ ма кæсынц ног скъолайы арæзтадмæ. Бынат дзы уыдзæн 500 скъоладзауæн. Сывæллæтты 5 рæвдауæндоны та аразынц уæлæмхасæн бæстыхæйттæ. Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй республикæйы разамынд Мæздæджы районы райрæзтмæ стыр æргом здахы. Æнтыстджынæй дзы кусынц районы социалон-экономикон райрæзты программæйыл. Ахсджиаг объекттæ фæнысан кодтой Уæрæсейы хицауады раз. Æхцайы фæрæзтæм æнхъæлмæ кæсынц. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тускъаты Таймураз фембæлд сарæзта республикæйы министрады æмæ Мæздæджы районы сæргълæууæгимæ
Категория:
Новости и СМИ