Бирæсывæллонджын бинонтæн бафиддзысты фиддонтæ зæххытæ дæттыны ныхмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

Бирæсывæллонджын бинонтæн бафиддзысты фиддонтæ зæххытæ дæттыны ныхмæ. Закъоны федералон проектыл дзырдтой парламенты советы æмбырды. Ахæм хъæппæрис бахаста Кучиты Гарий. Ныхас цæуы бинонтæм зæххы сертификаттыл. Горæты хицауад сæ дæтдзæн, бинонтæ кæм цæрынц, Уæрæсейы уыцы регионы хъæугæ зæххы хай куы нæ разына, уæд. Фиддоны бæрц бæрæг кæндзысты, ныййарджытæй иу цы муниципалон районы цæра, уымы кадастрон аргъы астæуккаг аргъмæ гæсгæ. Хицауы ныхæстæм гæсгæ, ацы хъæппæрисы руаджы бирæсывæллонджын бинонтæн сæ царды уавæртæ фæхуыздæр уыдзысты. Социалон нысаниуæг цы хъæппæристæн ис, ахæмтæ ма бахаста парламенты профилон комитеты разамонæг Реуазты Ларисæ. Иумæйагæй схъæлæс кодтой федералон закъоныпроектыл. Афтæ, йе ’нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыдонæн æнæ рады лæугæйæ лæггад кæндзысты медицинон уагдæтты. Ахæм фадат ма уыдзæн 1 æмæ 2 къæпхæны, стæй сабибнотæй йе ’нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы цæрджытæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv