Сылгоймæгты советы минæвæрттæн арфæ ракодта Таймазты Артур
Сылгоймæгты æппæтдунеон боны фæдыл парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь, Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур арфæ ракодта республикæйы сылгоймæгты советы минæвæрттæн. Балæвар сын кодта дидинджытæ, сæ ахсджиаг куыст сын фæнысан кодта арфæйы фыстæджытæй. Кæд ныртæккæ зын рæстæг у, уæддæр сылгоймæгты æрхъуыды кæнын хъуыд, фæнысан кодта Таймазты Артур. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv