Иры Стыр Ныхас сиды адæммæ, цæмæй Уастыржимæ кувæн къуыри бирæгæйттæй ма` мбырд кæной
Æрхæццæ кæны Ирыстоны цæрджытӕн сæ кадджындæр бæрæгбæттæй иу - Уастыржимæ кувæн къуыри. Авд боны дæргъы алы ирон хæдзары дæр хистæртæ скувдзысты сӕ æртæ чъирийы, кæстæрты æмæ сæхи бафæдзæхсдзысты Хуыцауы минæварыл. Алы аз дæр адæм бæрæгбоны рæстæг фæцæуынц кæрæдзимæ, саразынц кæртыты хъæзтытæ. Фæлæ, ацы аз, эпидемиологон уавæр хынцгæйæ, егъау мадзæлттæ аразын нæ хъæуы. Уымæ сиды æппæтдунеон æсхæнадон змæлд «Иры стыр ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Иры Стыр Ныхас сиды адæммæ, цæмæй Уастыржимæ кувæн къуыри бирæгæйттæй ма` мбырд кæной
Категория:
Новости и СМИ