90 рауагъдоны радтой иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн информатикӕйæ фæлхатгæнæн хуызы
90 рауагъдоны радтой иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн информатикӕ ӕмӕ информацион-технологон коммуникацитӕй фæлхатгæнæн хуызы. Фӕлварӕн лӕвӕрдтой 19 ноябры. Республикӕйы мадзал саразыны тыххӕй ахуырадон уагдӕтты бындурыл бацӕттӕ кодтой 6 пункты. Ацы аз рауагъдонтӕ компьютерон хуызы иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн информатикӕ ӕмӕ информацион-технологон коммуникацитӕй арӕзт уыд фыццаг хатт. Уый руаджы дзуӕппытӕ бӕрӕг кӕндзысты федералон эксперттӕ. Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады специалист Цӕрикъаты Анжелӕ куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй фӕлварӕн ацыд ӕнӕ къуылымпытӕй. Рауагъдонтӕ 3 сахаты ӕмӕ 55 минутмӕ сӕххӕст кодтой 27 хӕслӕвӕрды. Мадзал ацыд ӕппӕт санитарон домӕнтӕ сӕххӕст кӕнгӕйӕ. Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн информатикӕ ӕмӕ информацион-технологон коммуникацитӕй арӕзт уыд Уӕрӕсейы ӕппӕт субъектты дӕр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
90 рауагъдоны радтой иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн информатикӕйæ фæлхатгæнæн хуызы
Категория:
Новости и СМИ