Октябрьскæйы бынæттон администрацийы кусджытæ сарæзтой рейд дуканитыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Уæрæсейы Фæлхасгæнджытæм цæстарды управлени æмæ Октябрьскæйы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы кусджытæ алы бон аразынц рейд дуканитыл. Ацы бон æрзылдысты æртæ дуканийыл. Фыццаджыдæр, бæрæг кодтой санитарон-эпидемиологон домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уый. Хуыгаты Розæ дуканийы рагæй кусы. Йæ бон райдайы тæрхæджытæ дезинфекци кæнынæй. Куыд нын радзырдта, афтæмæй коронавирусы низ куы апарахат, уæдæй нырмæ хъуыды кæны адæмы æдасдзинадыл. Æлхæнджытæн сæм алкæддæр   вæййы сæхи хуыд маскæтæ. Гæджынаты Кристинæ дæр дуканийы кусгæйæ, æххæст кæны æппæт амынддзинæдтæ. Уымæй уæлдай ма, йæ ныхæстæм гæсгæ, фæцæрынæн æнæмæнг хъæугæ хæринæгтæ уæй кæнынц сæхи аргъæй. Алы бон дæр – æртæ дуканийы. Октябрьскæйы бынæттон хиуынаффæйады администраци Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлениимæ иумæ зилынц æмæ бæрæг кæнынц, дуканиты кусджытæ куыд æххæст кæнынц коронавирусы ныхмæ тох кæныны амынддзинæдтæ. Куыд бафиппайдтой, афтæмæй ацы дуканитæм аипдзинæдтæ не ссардтой. Къæбысты Иринæ, Октябрьскæйы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы социалон-экономикон хайады хицау: «Зæгъын хъæуы уый, æмæ дуканиты кусджытæ æмæ сæ хицæуттæ архайынц, цæмæй низ ма рапарахат уа. Фыццаджыдæр, хъуыды кæнынц адæмы æдасдзинадыл. Æппæт амынддзинæдтæ дæр æххæст кæнынц. Ацы куыст мах æххæст кæнæм алы бон дæр. Абон та ацы дуканиты тыххæй мæ бон зæгъын у, уый, æмæ сæм махæй ницы фиппаинæгтæ ис». Ахæм мадзæлттæ арæзт цæуынц республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй. Октябрьскæйы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы арæзт æрцыд сæрмагонд къорд, эпидемийы рæстæг алы бон дæр дуканиты куыст чи бæрæг кæны, ахæм. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Октябрьскæйы бынæттон администрацийы кусджытæ сарæзтой рейд дуканитыл

Категория:

Новости и СМИ