«Цæгаткавказэнерго» æмæ компани «Россети Северный Кавказ»-ы кусджытæ бæрæг кæнынц Дзæуджыхъæуы энерг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

Дзæуджыхъæуы энергообъектты уавæр бæрæг кæнынц «Цæгаткавказэнерго» æмæ компани «Россети Северный Кавказ»-ы кусджытæ. Сæрмагондæй æркастысты фæззыггон æмæ зымæгон рæстæгмæ цæттæдзинадмæ. Филиалы специалисттæ рацараздзысты электрон тыхы телты 270 километры. Базилдзысты 101 транформаторон дæлстанцæмæ, уыимæ ма 76 дæлстанцæйы кусæнгæрзтæ сног кæндзысты. Энергетиктæ раивдзысты æмæ ныффидар кæндзысты 806 цæджындзы æмæ сбæрæг кæндзысты 4 мин 300 изоляторы уавæр. Æппæты фылдæр куыстытæ цæудзысты хъæуты. Æргом аздахдзысты республикæйы социалон инфраструктурæйы электрон тыхы ифтонгадмæ. Цы объекттæм базилдзысты, уыдонæй электрон тых цæуы 36 хъæумæ. Се ’хсæн Уæллаг Зджыд, Дигора, Цыкола, Æрыдон æмæ æндæртæ. Сæрмагондæй ныссыгъдæг кæнын хъæудзæн, электрон тыхы телтæ чи хъыгдары, уыцы къудзитæ æмæ бæлæсты къалиутæ. Афæдзы дæргъы специалисттæ базилдзысты электрон тыхы телты фæзуаты 26 гектармæ. Уыцы куыст хуыздæрырдæм сахаддзæн электрон тыхы ифтонгады хæрзхъæддзинадыл. Æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнгæйæ цалцæггæнæн куыстытæ арæзт цæуынц эпидемиологон уавæр хынцгæйæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

«Цæгаткавказэнерго» æмæ компани «Россети Северный Кавказ»-ы кусджытæ бæрæг кæнынц Дзæуджыхъæуы энерг

Категория:

Новости и СМИ