Цæгат Ирыстоны 2 колледжы рамбылдтой паддзахадон гранттæ
Цæгат Ирыстоны 2 колледжы рамбылдтой паддзахадон гранттæ. Уымæ гæсгæ 2021 азы уыцы колледжты фæзындзæн 16 нырыккон æрмадзы. Цæгат-Кавказы аграрон-технологон æмæ Елхотты бирæвæрсыг колледжтæн национ проект «Образование»-йы фæлгæты рахай кæндзысты æхцайы фæрæзтæ 82,9 милуан сомы. Уыдонæй Елхотты бирæвæрсыг колледж райсдзæн 44 милуанæй фылдæр, Æрыдоны аграрон-технологон колледж та 39 милуанмæ ввахс. Уый фæрцы æрмадзтæ сифтонг кæндзысты, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм кусæнгæрзтæй. Ацы æркасты архайдтой нæ бæстæйы 854 ахуыргæнæндоны. Хуыздæртыл банымадтой 175. Уæ зæрдыл ма уын æрлæууын кæндзыстæм, 2019 азы федералон проект «Молодые профессионалы»-йы фæлгæты Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон техникумы сарæзтой ног æрмадзтæ 5 компетенцимæ гæсгæ. Уый тыххæй сын рахай кодтой 10 милуан сомы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны 2 колледжы рамбылдтой паддзахадон гранттæ
Категория:
Новости и СМИ