Сергей Меняйло разамындæй ацыд аппаратон æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

Цæгат Ирыстоны дыууæ адæймагмæ омикрон-штамм рабæрæг. Уый тыххæй республикæйы сæйраг санитарон дохтыр фехъусын кодта аппаратон æмбырды. Амыдта йæ регионы разамонæг Сергей Меняйло. Ныртæккæ ковид-стационартæм æххусагур чи фæсиды, уыдоны нымæц 22 % фæкъаддæр. Ныхас цыд æнæзмæлгæ мулк æмæ зæххыты номхыгъдыл дæр. Республикæйы сæргълæууæг бабар кодта хъуыддаг фæтагъддæр кæнын. Вице-премьер Æгъуызарты Мурат куыд фæнысан кодта, афтæмæй афӕдзы райдианӕй 60 000 объектæй хыгъдмæ хаст æрцыд 7 200. Йæ ныхæстæм гæсгæ, инвентаризацийы æппæтæй къаддæр бæрæггæнæнтæ ис Алагиры, Æрыдоны æмæ Горæтгæрон районты. Аппаратон æмбырды ма куыд суынаффӕ кодтой, уымӕ гӕсгӕ 2 боны фæстæ райдайдзысты бæрæг кæнын республикæйы карьерты уавæр. Уый тыххæй фехъусын кодтой регионы æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрадæй. Бынаты æркæсдзысты, бардæттæг гæххæттытæм. Уымæй уæлдай, куыстыты гуырахст лицензимæ гæсгæ у, æви нæ. Сергей Меняйло бабар кодта, фыццаджыдæр, хъус æрдарын, цæугæдæтты донвæдты цы карьертæ ис, уыдонмæ. Хицауады уæнгтæ æрдзырдтой ахуырады фарстатыл дæр. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны ис 16 кадетон къласы. Куыд рабæрæг, афтæмæй сæ Дыгуры æмæ Æрæфы районы нæ байгом кодтой. Регионы разамонæг бабар кодта фарстайыл цыбыр рæстæгмæ бакусын. Уымæй уæлдай, профилон министрад бакусдзæн ног ахуыры азмæ республикæйы скъолаты инженерон æмæ медицинон кълæстæ байгом кæныныл. Алыбегты Эллæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй мæйы дæргъы скусдзæн сæрмагонд программæ. Йæ фæрцы ныййарджытæ исдзысты смс-хъусынгæнинæгтæ сæ сывæллæтты скъола кæнæ рæвдауæндонмæ райсыны тыххæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv