Тотойты Хъазыбег | Аивады æвæрæнтæй
Йе мбӕлттӕ дзы афтӕ дзырдтой, йӕ уарзон, фӕлмӕн цӕстæнгасӕн ферохгӕнӕн нӕй , уый никуы никӕй зӕрдӕхудты бацыд, дзургӕ та ӕрмӕст худгӕйӕ кодта, зæгъгæ. Уый уыд сценӕйы фидауц, ӕрттивгӕ курдиаты хицау, кафты паддзахадон ансамбль «Алан»-ы солист, дӕсны педагог, РЦИ-Аланийы сгуыхт артист Тотойты Афӕхъойы фырт Хъазыбег. Хъазыбегӕн арвы бӕрзонд хъӕбысӕй йе стъалы атахт, фӕлӕ, зӕгъынц, уд мӕлгӕ нӕ кӕны. Цалынмӕ адӕймаджы мысой, уӕдмӕ цӕргӕ кӕны. Нӕ аивады ӕвӕрӕнты ис хонгӕ кафт «Алан»-ы кафджытимӕ , семӕ Тотойты Хъазыбег дӕр ӕмӕ уын ӕй уӕ размӕ хӕссӕм. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тотойты Хъазыбег | Аивады æвæрæнтæй
Категория:
Новости и СМИ