Цæгат Ирыстоны коронавирусæй рынчынты нымæц фылдæр кæны
Цæгат Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад фехъусын кодта коронавирусы фæстаг бæрæггæнæнтæ. Республикæйы стационарты ныртæккæ ис 501 адæймаджы. Коронавирус дзы рабæрæг 262 пациентмæ. 58 адæймаджы реанимацийы. Аппаратты фæрцы улæфынц 14-æй. Æдæппæты Цæгат Ирыстоны коронавирус рабæрæг 17 476, уыдонæй сдзæбæх сты 16 962-йæ. Фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ацы суткæмæ коронавирус рабæрæг кодтой ма 28 адæймагмæ. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад адæмы зæрдыл лæууын кæны, хи хъахъхъæныны домæнтæ хынцын. Сæйрагдæр мадзал та — вакцинаци. Прививкæ скæнæн ис республикæйы медицинон уагдæтты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv