Абон нæ республикæйы райдыдта ног ахуыры аз
Абон нæ республикæйы райдыдта ног ахуыры аз. Цæгат Ирыстоны скъолаты партæты уæлхъус æрбадтысты 9 мин 700 фыццæгæмкъласоны. Сæ нымæц ацы аз, фаронимæ абаргæйæ, у 500 сывæллоны фылдæр. «Сæрмагонд ведомствæты статистикæмæ гæсгæ, фæстаг азты фыццагкъласонты нымæц кæны фылдæрæй-фылдæр. Линейкæтæ арæзт сты Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды службæйы домæнтæм гæсгæ. Æдæппæтæй ног ахуыры аз райдыдта 90 мин адæймаджы. Фыццаг бон скъоладзаутæн райдыдтой «Æдасдзинады урок»-тæй. Радзырдтой сын антитеррористон æдасдзинад æмæ фæндаггон фæткы тыххæй. Ахуырдзауты базонгæ кæндзысты эпидемиологон уавæримæ æмæ уый хыгъд коронавирусы инфекцийæ хи раст куыд бахъахъхъæнын хъæуы уый. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абон нæ республикæйы райдыдта ног ахуыры аз
Категория:
Новости и СМИ