ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты цæуынц сæрмагонд ахуыртæ фæсарæйнаг студенттæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

«Ирон ирайнæгтæн», афтæ хуыйны Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон æвзагæй цы сæрмагонд ахуыртæ сарæзтой, уыдон. Архайдтой дзы ирайнаг студенттæ. Уæлдæр ахуыргæнæндоны педагогтæ ацы мадзалмæ уæлдай бæрнон цæстæй кæсынц. Ахуыртæм биноныгæй цæттæ кæнынц, фæнды сæ цæмæй нæ фæсарайнæг хæлæрттæ банкъарой Къостайы æвзаджы хъæздыгдзинад, уыимæ йæ разæнгарддæрæй ахуыр кæной. Ираны æмæ Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ æмгуыст кæнынц. Сæ сæйраг нысан дыууæ бæстæйы 'хсæн хæлар ахастдзинæдтæ байтауын. Фыццаг къахдзæф кæрæдзийы æвзæгтæ базонын. Уымæн æвдисæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты историон факультеты скæсæнзонынады æмæ теологийы рауагъдонтæ дыууæ азы архайдтой ирайнаг æвзаг бæстонæй базонын. Хуыздæр студенттæ практикон ахуыртæ ацыдысты Ираны. Ирон æвзаг базонынмæ сразæнгард сты Ираны минæвæрттæ дæр. Уæлдæр ахуыргæнæндæтты сын байгом кодтой онлайн хуызы ахуыртæ. Ахуырты архайын кæй бафæндыд, ахæмтæ дæр разынд. Ахуыртæ фæд кодтой райдайын сентябры, фæлæ Ираны минæвæртты курдиатмæ гæсгæ сæ райдыдтой ныр. Æдæппæтæй филологон факультеты ахуыргæнджытæ фæнд кæнынц 12 урокы скæнын. Алы ахуырадон мадзал дæр 2 сахаты. Уыцы рæстæгмæ æрдзурынц æвзаджы фарстатыл. Бакусынц сæрмагонд программæтыл. Ахуырты сæйраг нысан наукон зонындзинæдтæ райсын нæу, фæлæ ирон æвзагыл дзурын базонын, цæмæй уазæгуаты Аланты зæххмæ куы ссæуой, уæд æвзагзонынады кълымпыдзинæдтæ ма взæрой. Æрвылбон ахуырты бацархайын кæй фæнды, уыдоны нымæц рæзы. Уый мадзал аразджытæн у æхсызгон. Ахуыртæ нырма кæронмæ нæ ахæццæ сты, фæлæ ныридæгæн Ираны минæвæрттæ зæрдæ дарынц фидæны ахуырты дыккаг къæпхæн кæй уыдзæн, ууыл. Фæнысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ 12 урокы æмгъуыдмæ сын Ираны кæй ратдзысты сæрмагонд æвдисæндар. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv