Дæргъæвсы стыр фыдбылызæй аирвæзын кодтой байраджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

Евгений Погонин бæхты куыст кæны ныр 11 азы. Æрæджы та фæлтæрдджын бæхтæ дарæг фервæзын кодта къæдзæхты 'хсæнæй байраджы. Сырды фæстæмæ йæ къахыл слæууын кæнынæн æххуыс кæнынц йæ хæлæрттæ æмæ зонгæтæ. Байраг Маугли йæ къæхтыл ныр хъæддыхæй лæууы. Дыууæ къуырийы размæ та ныссагъд дыууæ æфцæджы астæу. Фервæзын æй кодта фæлтæрдджын бæхтæ дарæг Евгений Погонин. Байрагæн хъыгдæрд баййæфта йæ цæст, йæ къах дæр фæцæф. Фыццаг бонты Евгенийы уырнгæ дæр нæ кодта, байраг йæ къæхтыл кæй слæудзæн. Баххуыс ын кодтой йæ хæлæрттæ æмæ йæ зонгæтæ. Лæмбынæг цæстдард æмæ узæлды руаджы Маугли йæхиуыл фæхæцыд. Йæ къах сабыргæй дзæбæх кæны. Ныфс ис, æмæ цæстæй дæр райдайдзæн уынын. Евгений бæхтимæ кусы 11 азы. Бæлвырддæр дзургæйæ та - бæхты туризмы рæзтыл архайы. Цæгат Ирыстонмæ ссыд Рязаны облæстæй. Республикæйы экопарктæй йæм иу фæсидт æмгуыстады курдиатимæ. Фыццаг уал сфæнд кодта бынæттæм æркæсын. Йæ зæрдæйы баззадысты республикæйы адæм æмæ йæ рæсугъд æрдз. Уæд йæхицæн суынаффæ кодта ацы ног бынаты хи бафæлварын. Ныртæккæ фермæйы ис 5 бæхы. Туристтæ æмæ уазджытæн аразынц бæхтыл цыбыр балцтæ. Зилы сæм Евгений, æххуыс ын кæнынц бархионтæ дæр. Марина Капуш Дæргъæвсмæ ссыд Мæскуыйæ. Куыд зæгъы, афтæмæй хæхтæ æмæ бæхтæ сты йæ рагон бæллиц. Евгений фæнд кæны йæ бæхты нымæц фæфылдæр кæнын. Бæхтыл балцы ацæуæн уыдзæн цалдæр бонмæ дæр. Ныр та уал фермæйы хъæуы æххуыс. Нæй дзы инструктор, стæй бæхтæм чи зила, ахæм специалист. Уæдæ бархионты æххуысмæ дæр кæддæриддæр æнхъæлмæ кæсынц. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дæргъæвсы стыр фыдбылызæй аирвæзын кодтой байраджы

Категория:

Новости и СМИ