Беслæны аразынц æвзонг техникты æмæ бæстæзонæгты ног станцæтæ
Беслæны аразынц æвзонг техникты æмæ бæстæзонæгты ног станцæтæ. Фидæны инженертæ æмæ биологты 'хсæн уыдзæн æрмæст хæдтулгæтæндзæуæн фæндаг. Дыууæ объекты аразын райдыдтой ивгъуыд азы кæрон. Куыстытæ æххæстгæнæг компанийы ныхæстæм гæсгæ арæзтад цæуы бæлвырд æмгъуыдмæ æмæ сæрмагонд технологитæм гæсгæ. Алцæмæйдæр ифтонг сты. Бæстыхайы фæзуат уыдзæн мин квадратон метрæй фылдæр. Ахуыр кæныны фадат дзы уыдзæн 135 адæймагæн. Сывæллæттæн ма сараздзысты æртæ хъæрмуаты. Ныртæккæ уал дзы фæзынд агуыридурæй арæзт къултæ. Мидæггаг куыстытæ æмæ бæстыхайы сæрмæ бавналдзысты фæстæдæр. Æвзонг техникты станцæйы та уыдзæн радио уылæнтæй кусгæ аппараттæ фæлварынæн фæзуат. Дыууæ бæстыхайы дæр уыдзæн иухуызон уаттæ. Бæлвырддæр та лекторий, интерактивон хъæзтытæн бынат, рекреацитæ, медпункт æмæ буфеттæ. Йе 'нæниздзинад цудыд кæмæн у, уыдонæн дæр дзы уыдзæн æмбæлгæ фадæттæ. Куыстытæ цæуынц Беслæны генералон пълан æххæст кæныны фæлгæты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Беслæны аразынц æвзонг техникты æмæ бæстæзонæгты ног станцæтæ
Категория:
Новости и СМИ