Цæгат Ирыстоны ацыдысты парашютон спорты хуызæй ерыстæ
Ацы бонты Уæрæсейы бæрæг кодтой Парашютисты бон. Цæгат Ирыстоны ацы спорты хуыз бирæтæ уарзынц. Æрвылаз 26 июлы саразынц ерыстæ. Цæмæй къорд йæхи бацæттæ кæна, уый тыххæй сын рæстæгæй лæвæрд цæуы 20 минуты. Архайджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ам сæйрагдæр у - практикæ. Стефан Фатнев парашютимæ фыццаг хатт рагæпп кодта, 20 азы йыл куы цыд, уæд. Йæ ныхæстæм гæсгæ йæм уæд уыд цавæрдæр тасдзинад. Кæд æмæ йæм ныр парашютимæ гæпп кæныны фæлтæрддзинад ис, уæддæр иу хаттæй иннæмæ сæвзæры цавæрдæр ног æнкъарæнтæ. «Кæй зæгъын æй хъæуы, рагæпп кæныны размæ алчидæр тæрсы. Алыхуызон хъуыдытæ сæвзæры адæймагмæ. Æдæппæтæй нырмæ агæпп кодтон 79 хатты. Дарддæр дæр кусдзынæн мæ фæлтæрддзинадыл. Алы хатт дæр хуыздæрæй хуыздæр кæндзынæн», - РЦИ-Аланийы парашютон спорты иугонд къорды арахайæг Стефан Фатнев. Ацы быдыры сæмбырд сты Цæгат Ирыстоны, Дагестан æмæ Мæхъæлы республикæты иугонд командæтæ. Алы къорды дæр 5 адæймаджы. Жюрийы уæнгтæ, фыццаджыдæр, кæсынц, сæрмагонд уагæвæрдтæ куыд æххæст кæнынц, уымæ. Парашютæй æргæпп кæнын хъæуы афтæ, цæмæй зæххыл нысангонд бынаты æрбадай. Парашютæй гæпп кæнынц ДОСААФ-ы регионалон хайады бындурыл. Куыстуатыл цæуы 80 азы. Ахæм фæзуат хорз ахъаз у фидæны æфсады службæгæнджытын. «Фæсивæд нæм се ’ргом здахынц. Бирæты бафæнды парашютимæ агæпп кæнын. Уайтагъд сразы вæййыц. Махæн нæ бон куыд у, афтæ сæм фæкæсæм», - Уæрæсейы ДОСААФ-ы Дзæуджыхъæуы авиацион-спортивон клубы хицау Козырты Руслан. 26 июлы æрвылаз бæрæг кæнынц парашютисты бон. Нæ республикæйы бæрæгбоны агъоммæ саразынц ерыстæ. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой майдантæ æмæ кубоктæй. Архайджыты ныхæстæм гæсгæ, сæйрагдæр у, парашютимæ гæпп кæнгæйæ цы æнкъарæнтæ бавзарынц, уый. Уыдон адæймагæй нæ ферох вæййынц. Пелиты Сабинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны ацыдысты парашютон спорты хуызæй ерыстæ
Категория:
Новости и СМИ