Уæзласæн хæдтулгæты шофыртæн Кировы районы разамынды хъæппæрисæй ласынц тæвд хæринаг æмæ дон
Арвыкомы фæндаджы уавæрмæ цы шофыртæ æнхъæлмæ кæсынц, уыдонæн æнæнхъæлæджы уавæрты регионалон разамынды æмæ республикæйы районты разамонджыты тыхтæй аразынц тæвд хæринаг æмæ хъармгæнæн пункттæ, стæй хи ныхсынæн уавæртæ. Гуырдзыстоны боныхъæды аххосæй ныр къорд рæстæг шофыртæ лæууынц фæндагыл. Шофыртæн ахæм хуызы æххуыс хъæугæ у, сты бузныг. Кировы районы разамынд æмæ цæрджытæ дæр уазджытæн расидтысты æххуысы акци. Федералон трассæйы ныххал сты уæзласæн хæдтулгæтæ. Боныхъæды аххосæй ныр иу къорд рæстæг сæ бон арæны сæрты ахизын сæ къухы не 'фты. Ираны, Ставддурты, Змейкæ æмæ Елхоттмæ хæстæг сæвзæрд хæдтулгæтæй цæндтæ. Кировы районы разамынд æмæ цæрджытæ æрбалæууыдысты шофырты фарсмæ. Расидтысты æххуысы акци. Æрвылбон шофыртæн æрбаласынц нуазыны дон, хъарм цай æмæ тæвд хæринаг. Звияди Букия дæр у, ныр фæндагыл мæйæ фылдæр баззад, уыдонæй. Ахæм, хуызы æххуысыл зæрдиагæй бацин кодта. Ахæм акцитæ æрмæст Кировы районы нæ цæуынц. Зæгъæм, Æрыдоны районы æмæ Архонкæйы фæндæгтыл шофыртæн сæхи схъарм кæнынæн æмæ бахæрынæн сæвæрдтой палаткæтæ. Уымæн, æмæ ма зын уавæры цас уыдзысты, уый бæлвырд бæрæг нæу. Ныртæккæ уал æрвылбон арæнтыл ахизы 500 хæдтулгæйы бæрц. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæзласæн хæдтулгæты шофыртæн Кировы районы разамынды хъæппæрисæй ласынц тæвд хæринаг æмæ дон
Категория:
Новости и СМИ