Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты байгом шахмæтты клуб
Ахуыры райдиан алы парти дæр ахуыргæнджытæ равзарынц фæйнæгыл. Сывæллæттæ та рагацау хъуыды кæнынц, куыд растдæр ацæуын хъӕуы, цæмæй рамбулой. Ирыстоны шахмæттæй хъазын кæй фæнды, уыдоны нымæц æрвылбон рæзы. Зæгъæм, ЦИПУ-йы бындурыл байгом шахмæтты клуб. Ахуыр дзы кæнынц æппæты зындæр комбинацитыл. Шахмæтты парти у стратегиты тох. Иу санчъех акæныны размæ уал лæмбынæг ахъуыды кæнын фæхъæуы. Ахсджиаг у ныхмæлæууæгæй дарддæр кæсын æмæ хъуыды кæнын. Эдуард Андреановæн ис æвзонг шахматистты ’хсæн фыццаг разряд. Ацы спортыл æнувыд у 2 азы. Архайдта алыхуызон турнирты, фæлæ йæм нырма хæрзиуджытæ нæма ис. Уавæр хуыздæрырдæм аивын у лæппуйы сæйраг бæллиц. Фæлтæрдджын шахматист хъазын ахуыр кæны. «Фиде»-йы Мастер, республикæйы бирæхаттыты чемпион, уыимæ Цæгат Кавказы ерысты уæлахиздзау Тигран Назаретян. Дæсныйадæвдисæн ахуырты сывæллæтты ахуыр кæны логикæйæ пайда кæнын. Йæ зонындзинæдты æнцайы историон цаутыл. Шахмæтты клуб байгом ЦИПУ-йы бындурыл. Секци саразын уыд универститеты ректор Огъуаты Аланы хъæппæрис. Студенттæ æмæ скъоладзаутæн ныр фадат ис шахматтæй хъазын ахуыр кæнын къуыри æртæ хатты. Клубы фæлгæты фæзындзæн студентты иугонд командæ. Уый йæ тыхтæ фæлвардзæн уæлдæр ахуыргæнæдæтты æмæ æппæтуæрæсеон ерысты. Æппæт уавæртæ дæр уымæн ис. Хи бафыссæн у æнцон. Уый тыххæй ацæуын хъæуы æрмæст æмæрныхас. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv