Хабæрттæ // 2022 / 28 января
Коронавирусы низ сывæллæттыл дæр нæ ауæрды. Хæцгæ низ рабæрæг 938 сабимæ. Республикæйы фæлхасадмæ цæстдарды управленийы амындмæ гæсгæ, дистанцион ахуырады 'мгъуыд адæргъвæтин кодтой. Оперативон штабы æмбырды бæрæггæнæнтæ фæнысан кæндзыстæм нæ программæйы. Республикæйы скъолаты фæзынд радхæссæг къордтæ. Скъоладзаутæй сæм цæуынц, сæ ныййарджытæн дистанцион хуызы фæллой кæныны фадат кæмæн нæй æмæ, раздæрау чи кусы, уыдон. Социалон фиддонтæ 1-æм февралæй æрцæудзысты индексацигонд. Нысангонд æхцайы фæрæзтыл бафтдзæн 8% фылдæр. Хорзы 'рдæм ивддзинæдты тыххæй бæлвырддæр нæ программæйы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv