Акци «Мы вместе»-йы фæлгæты раарфæ кодтой 900 сывæллонæн
Акци «Мы вместе»-йы архайджытæ Цæгат Ирыстоны бæхты театры артисттимæ ног азы агъоммæ æххуысцух бинонты сывæллæттæн бацæттæ кодтой театралон равдыстытæ. Ирон æвзагыл спектакльтæм бакастысты 900 сабийæ фылдæр. Уымæй уæлдай сæ бахъæлдзæг кодтой Митын Дада æмæ Митӕ, бæрæгбоны сæйраг хъайтартæн радзырдтой æмдзæвгæтæ. Дарддæр чысыл театрдзаутæн байуæрстой адджын лæвæрттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv